Вестманнаэйяр (исл. Vestmannaeyjar</span>) у гыццыл архипелаг Исландийы хуссары. Йæ фæзуат у 16 км². Архипелаг у 1 стыр сакъадах (Хеймаэй - айдагъ цæрæгджын сакъадах) æмæ 13 гыццыл сакъадæхтæй. Цæрджыты нымæц: 4075 адæймаджы (2006).
Вестманнаэйяр лæууы мæргъты фæлтæхæны фæндагыл.
Исландиагау Вестманнаэйяр нысан кæны «ныгуылæн адæмы сакъадæхтæ».
1627 азы турчы флот æмæ бербериаг пираттæ сакъадæхтæ байстой æмæ адæмы атæлæт скодтой. Архипелаг у зындгонд Суртсейы фæрцы (сакъадах фæзынди 14 ноябры 1963 азы).